Цæмæн кæныс фæливæн митæй дин?
Цы ис дæ конды мæнг æмæ æцæгæй?
Лæууы кæрдзын дæ тæрхæгыл бæгънæгæй,
Зынаргъ цъары та – сау марг – никотин.
Ызгæ рæхысау дугты баст ныскъуыдтæ,
Хъæрзæм рыстæй, бæргæ хъарæм нæ маст,
Фæлæ Хуыцау нæ хъæрзынмæ ныкъкъуытты.
Нæ цард, дæ барæн никуы скодтай раст:
Хæрынц кæрæфæй бирæгътæ сæгуытты,
Вæййы пехуымпар бардзы тыхтæй саст.
1993 азы 5 ноябрь