Æрвыстон æз æрдзæ азты фыдбонтæ...
Лæууыд мæ разы Ныфс, æмæ нæ саст
Мæ тых. Быхстон мæ хъизæмар, мæ маст,
Мæ койæ тæрфы ‘мбæхстысты æрвонтæ.
Зæххыл æрратæн нал ис ныр фæдонтæ,–
Тæссæй æдзух фæстæмæ у уæ каст...
Кæут! Амран нæ атондзæн йæ баст,
Мæ Ныфс мын хинæй амардтой зæххонтæ.
Кæут ! Мæ армы нал бафтдзæн мæ кард.
Хуыцау лæгæн æвзыгъд фæндтæ нæ бары, –
Мæ лæгæтыл æрфæлдæхта йæ уарт.
Кæут! Уæ дуг сæрибары миф мары:
Сымах титантæ не скодта мæ арт, –
Æмæ быхсут цагъары хъысмæт тары.
1996 азы 29 июлъ