Фæци дæ цард... Мæлæт
Хуыцауы дæр нæ фæрсы,
Йæ сау цъылын ныммæрзы
Паддзахæн дæр йæ фæд.
Дæуæн фæкодтой цыт
Дæлбар адæм хуындзауæй;
Æппарынц ныр уæззауæй
Дæ ингæныл сыджыт.
Уыдис дын цард æлæм,
Æхца нымадтай путтæй;
Цигайнагау гаффуттæй
Фæцæуыс ныр мæрдтæм.
Фæфæлдæхти дæ къус,
Хæрынц дæ хист фыдгултæ;
Дæ хæлæрттæй хæзгултæ
Ыскæндзæн ныр дæ ус...
Дæ галуан уыд ыстыр,
Дæ гон ыскъуыд тыппырæй;
Дæ сау уæлмæрд къуыбырæй
Лæууы нæ разы ныр.
1994 азы 14 апрель