Тираны мира! Трепещите!
А. С. Пушкин
Цæуынц ныл абон ног залымтæ хинæй,
Кæнынц лымæнтæ дон æмæ зынгæй,
Нæ зонд нын халынц хахуыр æмæ динæй,
Зæгъынц: быхсут æфхæрд æмæ тыхстæй.
Нæ быхсын æз! Куырысдзаутæн куыд цæгъдон
Фæндырæй? – уым лæджы кадæй цы ис?
Нæ кæнын æз лæгмартимæ æмдзæхдон,
Нæ кæнын æз къæрныхтимæ цæдис!
Поэт дæн æз – Чырыстийау нæ уарын
Зылынæй, растæй алкæуыл мæ уарзт.
Æз тугцъир æмæ залымæн нæ барын,
Зæгъын: æлдарæн никæд уыдзæн барст!
Фæлитойтæ нын ассывтой нæ бынтæ,
Зæгъут-ма, уæд куыд сабыр кæнут мæн?..
«Æнусмæ тох! æнцой уынут уæ фынты»,
Уыдзæн вампиртæн карз тæрхон, уыдзæн!
Уæ азарæй ныппаплой ис нæ фæллой,
Нæ урс ыстджытыл аразут уæ цард...
Тæрсут!.. Уæ удтæ стæхынмæ куыд бæллой,
Нæ туг уын афтæ фестдзæни сырх арт.
Куы стонæм мах хæрамы тых бындзарæй,
Куы уой нæ бар нæ цард æмæ нæ зæхх,
Цæрдзыстæм уæд хъæрмуд æмæ æмбарæй,
Уæд нал уыдзæнис тох æмæ фыдæх.
1994 азы 1 май. Куадзæн