Нæ цæрæн уыд хъуырау. Мыдæй
Уыд йедзаг – цардыстæм æввонгæй.
Фæлæ куы равдæлон, уæд æй
Æд мыггаг ратылдтам уæлвонгæй.
Тылдис тымбыл дурын, тылдис,
Йæ тулæн хъæлдзæг уыдис къулы.
Кæнæм хъылдымтæ æмæ дис,
Нæ хæдзар тулы æмæ тулы.
Тылдис уый нæудзарыл, ыстæй
Фæхаудис иу къуыппыл тæгæлтæ.
Ныр ын æрхуым æмæ цæфтæй
Мах уидзæм æрхыты йæ цъæлтæ.
1994 азы 5 октябръ