logo

М О Я    О С Е Т И Я



ЦАРДЫ ХЪУЛÆТТÆ

Сырдтау бырстой Ирыстонмæ фыдгултæ,
Уæд Чъребайыл ызгъæр цæхæртæ калд.
Нæ адæмы туг зæххы цæфты скултæ,
Цъæх арты сыгъд нæ цард æмæ нæ кад.

Æрлæууыд уым нæртон фæлтæр сæ разы,
Æвæрдтой нын сæ фæтæн риутæй уарт.
Хъайтары тых хъаймæтæн дæр фæразы,
Бынтон нæ байсæфт иры зæххыл цард.

Нæры уым абон Стыр бæрæгбон радæй,
Бæркады фынгтыл рабадынц æнгом.
Хынцынц рæдау цыты уазджыты кадæй,
Сæ зæрдæтау сæ быркуытæ дæр – гом.

Мæ Ир! Нæ дзыллæ сау зындоны даудта,
Уæд кодтой адон знагимæ цæдис,
Хъайтартыл хастой хахуыр æмæ даутæ,
Нæ сæм уагътой нæ сыхæгтæй фæдис.

Трибун! Сæ тыхстæй бамбæхстай дæ зæрдæ,
Дæ хъарм уатмæ сæ тохы хъæр нæ хъуыст.
Нæ уагътай дзурын тугхортæй æвзæртæ,
Хуыдтай геройты змæнтæг æмæ схуыст.

Ныр дзаг фынгыл хъайтарон зарæг систай,
Æрхауд дæумæ дæр уацамонгæ ныр...
Хъæрзы уæд Присы сгуыхт хæстон йæ ристæй,
Йæ хæдзар – пырх, йæ сау къона – æмыр.

Цæф цæргæс бады рау дурыл æрхуымæй,
Хъæрæй ныууасы рох уæлмæрдты сынт.
Мæ Ир! Уæддæр цæуы бæркад дæ хуымæй,
Дæ сæрмæ тары Бонвæрнон фæзынд.

1995 азы 5 октябрь

Мæ куывд
Æртæ урс дуры Дзомагъæй æрхастон
Рæсугъд æмæ фæрныг бæстæ!
Арфæ
Зæхх
Тæхуды
Зæрин æмæ зылангон дзырд Ирон
Æрцыдис ахæм рæстæг, ахæм
Аргъаумæ бæллын
Фæлгæсæны
Хуымæтæг ир, сæрыстыр дæн сымахæй
Зæххы дзыназын
Уыдтæн нывонд фыдæбон æмæ мастæн
Уæлвонг у Уартау къуылдым, Саргъау
Цы риссы афтæ тынг мæнæй
Мады катай
Хæстоны зарæг
Ныстуан
Талф-тулфæй сахар ризы
Мæгуыры куывд
Хæссы фыдрæстæг иудадзыг мылазон
Æртахтис арвæй сау дымгæ æваст
Фæдзæхст
Батырадзæн
Амран
Зындоны цад
Базар
Мæлæт
Уæлахиздзаутæ
Лæгмарæн
Цоппай
Нæ цард, цæмæн дæ хивæнд æмæ хин?
Уалдзæг
Нæ царды хицæуттæн
Арвы хорзæх
Скифтæ
Стыр Атей
Иры лæгтæн
Уалдзæг нал кæны нæ зæххыл
Мæсыгамайджытæ
Æнусон ром
Зæрватыкмæ
Паддзах нæ вæййы хорз кæнæ æвзæр
Уырызмæджы катай
Хъысмæт
Хæрæджы æмбисонд
Намыс хæзна у – фæдарид æй
Фæдисы бон зæппадзы
Æфсымæртæ
Фæлтæрты хъысмæт
Ехх, мæ бон, Уæрæсе
Куырыхон быцæу
Алæмæт
Кæйдæр арвы бын бамынæг дæ зæрдæ
Кæрты цъиуты дзыгуыр зарыд
Дзылы
Хæтæнхуаг
Гаджидау
Хурмæ куывд
Ракæс!
Ног боны бæллицтæ
Иры чызджытæн
Фæдисы æртытæ
Цард раджы дæр нывыл æвæрд нæ уыд
Фæдис
Мæргъты æмбисонд
Мæлдзгуытæ
Цы нæ ‘рцыд, ахæм нæу дæ цау
Аргъуаны
ЦæФ бирæгъ
Дыууæ фæдисы
Зондамонæг
Æвæрæз æмæ иунæг дæн зæрондæй
Хуыцау, дæ зонд æмæ дæ барæй
Нæ цард хæст у, лæг та – хæцæг
Царды хъулæттæ
Мæ Ир, дæ кады дуг фæцис
Мæ Сонтадæ
Зæрæстон хуым – лæзæрд æмæ æрнæг
Æвæгæсæгæй амардтæн ызнон
Фæстаг ныфс
Иры  хæрзгæнæг
Иигæны уæлхъус
Мæлæт, зæронд хæйрæгау ныр
Цыдис нæм фарн дæ зонд æмæ дæ куыстæй
Æз нæ дæн пехуымпар кæнæ зæд
Диссаджы фын
Паддзахы хъаст
Тайы царвы къах, арвгæрон – хур...
Уарди рухс хурыл йæ сыфтæй
Сырх барæг
Фæндаггон
Мæнг æмбисонд
Æлгъыст
Нал хæтынц хъæдты сырдтæ