logo

М О Я    О С Е Т И Я



ФÆНДАГГОН

(Скæсæйнаг хабар)

Зæхх кæм ныддæвдæг æдзардæй,
Бон кæм у æвзыд,
Раджы иу зæронд ус дардæй
Уым æвзыгъдæй цыд.

Хаста сау къæйыл зынджытæ,
Дурыны та – дон.
Диссаг – зæронды уæрджытæ,
Цас уыди сæ бон!

Уыд сыгъд бæласау цæнкуылтæ,
Ихсыд æмæ сау,
Дзаума хус уæнгтыл – пыскъуылтæ,
Дзыккутæ – фæскъау.

Цыд бæгъæввадæй. Ныггуыбыр,
Нал уыди уынддаг:
«Амæн, – лæг зæгъдзæн,– ысцыбыр
Ингæнмæ фæндаг».

Зæххæй сусæны æнуды
Дымгæ сисы змис.
Ус тындзы уæддæр, нæ цуды,
Нал æнкъары рис.

Цæсгом райдзаст у уæлмонцæй,
Цæстыты – цъæх арт...
Ацы диссаджы фæлгонцæй
Арвыл худы цард.

Мæнæ усы размæ таджы
Иу бæлццон фæзынд.
Моладзан ныррахæн раджы.
Бакæс æм, уæд – сынт.

«Хорз усай, цæмæн дæ ‘рхæндæг?–
Бафæрсы йæ лæг.–
Зæгъ, кæдæм дарыс дæ фæндаг:
Дард æви хæстæг?»

Уæд ысдзырдта ус фыццаг хатт:
«Базаууат нæ зæхх.
Махыл уарзты рухс дуаг рахатт,
Сыстад ныл фыдæх...

Хъуамæ, рухс дзæнæт, цъæх арты
Басудзон дæ тау,–
Лæг йæ хæрзтæ уæд нæ царды
Нал кæндзæн æфстау.

Тагъд, тæссаг зындон, мæ донæй
Ахуысдзæн дæ арт! –
Уæд сæрибар лæг уæндонæй
Араздзæн йæ цард.

Нал кæндзыстæм уæд нæ хæрзтæ
Хин кæнæ тæссæй,
Фиддзæн алчи дæр йæ хæстæ
А зæххыл рæстæй».

Ацыд ус. Цæуы сыгъд бæсты,
Хостæ рог хæссы.
Усæн, дис кæнгæ, йæ фæстæ
Зæронд лæг кæсы.

1972 азы 19 август

Мæ куывд
Æртæ урс дуры Дзомагъæй æрхастон
Рæсугъд æмæ фæрныг бæстæ!
Арфæ
Зæхх
Тæхуды
Зæрин æмæ зылангон дзырд Ирон
Æрцыдис ахæм рæстæг, ахæм
Аргъаумæ бæллын
Фæлгæсæны
Хуымæтæг ир, сæрыстыр дæн сымахæй
Зæххы дзыназын
Уыдтæн нывонд фыдæбон æмæ мастæн
Уæлвонг у Уартау къуылдым, Саргъау
Цы риссы афтæ тынг мæнæй
Мады катай
Хæстоны зарæг
Ныстуан
Талф-тулфæй сахар ризы
Мæгуыры куывд
Хæссы фыдрæстæг иудадзыг мылазон
Æртахтис арвæй сау дымгæ æваст
Фæдзæхст
Батырадзæн
Амран
Зындоны цад
Базар
Мæлæт
Уæлахиздзаутæ
Лæгмарæн
Цоппай
Нæ цард, цæмæн дæ хивæнд æмæ хин?
Уалдзæг
Нæ царды хицæуттæн
Арвы хорзæх
Скифтæ
Стыр Атей
Иры лæгтæн
Уалдзæг нал кæны нæ зæххыл
Мæсыгамайджытæ
Æнусон ром
Зæрватыкмæ
Паддзах нæ вæййы хорз кæнæ æвзæр
Уырызмæджы катай
Хъысмæт
Хæрæджы æмбисонд
Намыс хæзна у – фæдарид æй
Фæдисы бон зæппадзы
Æфсымæртæ
Фæлтæрты хъысмæт
Ехх, мæ бон, Уæрæсе
Куырыхон быцæу
Алæмæт
Кæйдæр арвы бын бамынæг дæ зæрдæ
Кæрты цъиуты дзыгуыр зарыд
Дзылы
Хæтæнхуаг
Гаджидау
Хурмæ куывд
Ракæс!
Ног боны бæллицтæ
Иры чызджытæн
Фæдисы æртытæ
Цард раджы дæр нывыл æвæрд нæ уыд
Фæдис
Мæргъты æмбисонд
Мæлдзгуытæ
Цы нæ ‘рцыд, ахæм нæу дæ цау
Аргъуаны
ЦæФ бирæгъ
Дыууæ фæдисы
Зондамонæг
Æвæрæз æмæ иунæг дæн зæрондæй
Хуыцау, дæ зонд æмæ дæ барæй
Нæ цард хæст у, лæг та – хæцæг
Царды хъулæттæ
Мæ Ир, дæ кады дуг фæцис
Мæ Сонтадæ
Зæрæстон хуым – лæзæрд æмæ æрнæг
Æвæгæсæгæй амардтæн ызнон
Фæстаг ныфс
Иры  хæрзгæнæг
Иигæны уæлхъус
Мæлæт, зæронд хæйрæгау ныр
Цыдис нæм фарн дæ зонд æмæ дæ куыстæй
Æз нæ дæн пехуымпар кæнæ зæд
Диссаджы фын
Паддзахы хъаст
Тайы царвы къах, арвгæрон – хур...
Уарди рухс хурыл йæ сыфтæй
Сырх барæг
Фæндаггон
Мæнг æмбисонд
Æлгъыст
Нал хæтынц хъæдты сырдтæ