Дуне – знæт æмæ мылазон,
Уары махыл сау хъыг – зæгъ.
Цæй, æрвон тыхмæ дзыназон,
Науæд тары сæфы Зæхх.
Бады зæрдæты хуыдалынг,
Нæй Амыранæн тæлфæн.
Бæстæ ныр йæ хуыдтыл алыг,
Згъæлы стъалыгай æрфæн.
Хур, æркæс нæм ды уæларвæй,
Сис нæ сау зæххæй мæрдадз.
Фарны райхъал кæн йæ тарфæй,
Рухс нæ зæрдæтæм æртадз.
Бафтау карз адæмы уарзтыл,
Скæн сын хорз кæнын æгъдау.
Даст у зæхх, фæлæ йæ карстыл
Схæцæд ирд æртæхæй тау.
Ратт нын хорз бæркад хæларæй,
Зонд нын разынæд æвдадз.
Уæнт нæ удлæууæн дæ барæй
Скъола, хуым æмæ æрмадз.
1995 азы 14 апрель