æртахт нæм Уастырджи. Фæбадын
Уæ куывдты хъæлдзæгæй æз дæр.
Æрмæст уæм иунæг фæдзæхст хатын:
Уæ уаттæ хъахъхъæнут хуыздæр...
Æрцыд ма иу диссаг мæныл дæр.
Уыдис мæйдар æхсæв. Фыстон
Сонет мæ уарзæттæй кæуылдæр,
Мæ сæнттæ рифмæтæй быдтон.
Уæд дын мæ рудзынгмæ Хъæриуæй
Ныллæууыд арвæрдын тынау.
Мæ тарст хъæр сирвæзти мæ риуæй,
Зынди мæм рухсы хид фынау.
Мæлын тæссæй æмæ фырдисæй.
Цы уа? Кæсын æм хъавгæ... Уæд
Уынын: цæхæр калгæ, Дзывгъисæй
Æрцæуы арвæрдыныл зæд.
Хуыцау, ныххатыр кæн!.. Уæд та нæ
Цы домыс, уый мын зæгъ... Бæгуы!..
Уæдмæ кæсын, æмæ Сатана
Мæ разы гомгæрццæй лæууы.
Зæрин сырх дзыккутæ æртыхта
Йæ уæлæ астæуæй дæлдæр...
Цы фестут, гъæйт мардзæ, мæ тыхтæ!
Кæлæнтæй ма зилæд мæ сæр!..
æрбадт нæрæмон чызг мæ цуры,
Йæ хъарм – æхцон æмæ фæлмæн.
Мæ сæфт!.. Хатиагау мæм дзуры:
«Фæу нæртон фысым мæнæн».
Кæсын æм джихæй... Чызг фæтызмæг,
Зæгъы: «Нырраууат ис дзæнæт,
Ныррахæн азты бын Уырызмæг,
Мæнæн та рухс цард у мæ мæт».
Тымбыл фынг февзæрди нæ разы,
Йæ уæлæ минас æмæ нуæзт.
Цæгъды нын удæвдз, æмæ хъазы
Зыдæй æрвон буарыл мæ цæст.
Мæ зæрдæ фестади дзæгæрæг,
Сатана хурон у, нæртон...
Ныццагътой аргъуаны дзæнгæрæг,
Ыскаст сæууон хур æмæ сбон...
1994 азы май