logo

М О Я    О С Е Т И Я



ФÆСТАГ НЫФС

Мæ цард мæ зæрдæмæ нæ цæуы,
Мæ хъысмæт разындис æлгъин.
Лæууын мæ дугимæ быцæуыл,
Нæ мын ис удлæууынæн дин.

Цæндыл дæр дуры къæртт нæ арын,
Мæ куыстæй не ‘взæры бæркад.
Куы сисынц царды хæрзтæ уарын,
Мæнмæ уæд никуы хауы рад.

Фæцæф дæн – дойны мын у, дойны!
Уæд Терк дæр айсысы æваст.
Мæ уарзт мыл рахæты æмбойны,
Дзæгъæл мæ никуы уадзы маст.

Лæвар мын чи ракæны судзин,
Уый теман атоны мæнæй.
Хæлæрттæ! ме стджытæ уын судзын,
Уæддæр мыл иу аудæг нæй.

Мæ бæстæ хаст къæсау нырраууат,
Уым нæй лæджы цардæй цæрæн...
Мæлæт! Мæ царды ныв нæ рауад,
Гъей, ды уæддæр ма ныууадз мæн!

Ды бакæн стъæлд удæн тæригъæд,
Уæлæуыл бавзæрстон зындон:
Мæ арв мыл сау мигътæ ныууигъæд,
Ыскæн мæ удхарæн кæрон!

1991 азы 18 сентябрь

Мæ куывд
Æртæ урс дуры Дзомагъæй æрхастон
Рæсугъд æмæ фæрныг бæстæ!
Арфæ
Зæхх
Тæхуды
Зæрин æмæ зылангон дзырд Ирон
Æрцыдис ахæм рæстæг, ахæм
Аргъаумæ бæллын
Фæлгæсæны
Хуымæтæг ир, сæрыстыр дæн сымахæй
Зæххы дзыназын
Уыдтæн нывонд фыдæбон æмæ мастæн
Уæлвонг у Уартау къуылдым, Саргъау
Цы риссы афтæ тынг мæнæй
Мады катай
Хæстоны зарæг
Ныстуан
Талф-тулфæй сахар ризы
Мæгуыры куывд
Хæссы фыдрæстæг иудадзыг мылазон
Æртахтис арвæй сау дымгæ æваст
Фæдзæхст
Батырадзæн
Амран
Зындоны цад
Базар
Мæлæт
Уæлахиздзаутæ
Лæгмарæн
Цоппай
Нæ цард, цæмæн дæ хивæнд æмæ хин?
Уалдзæг
Нæ царды хицæуттæн
Арвы хорзæх
Скифтæ
Стыр Атей
Иры лæгтæн
Уалдзæг нал кæны нæ зæххыл
Мæсыгамайджытæ
Æнусон ром
Зæрватыкмæ
Паддзах нæ вæййы хорз кæнæ æвзæр
Уырызмæджы катай
Хъысмæт
Хæрæджы æмбисонд
Намыс хæзна у – фæдарид æй
Фæдисы бон зæппадзы
Æфсымæртæ
Фæлтæрты хъысмæт
Ехх, мæ бон, Уæрæсе
Куырыхон быцæу
Алæмæт
Кæйдæр арвы бын бамынæг дæ зæрдæ
Кæрты цъиуты дзыгуыр зарыд
Дзылы
Хæтæнхуаг
Гаджидау
Хурмæ куывд
Ракæс!
Ног боны бæллицтæ
Иры чызджытæн
Фæдисы æртытæ
Цард раджы дæр нывыл æвæрд нæ уыд
Фæдис
Мæргъты æмбисонд
Мæлдзгуытæ
Цы нæ ‘рцыд, ахæм нæу дæ цау
Аргъуаны
ЦæФ бирæгъ
Дыууæ фæдисы
Зондамонæг
Æвæрæз æмæ иунæг дæн зæрондæй
Хуыцау, дæ зонд æмæ дæ барæй
Нæ цард хæст у, лæг та – хæцæг
Царды хъулæттæ
Мæ Ир, дæ кады дуг фæцис
Мæ Сонтадæ
Зæрæстон хуым – лæзæрд æмæ æрнæг
Æвæгæсæгæй амардтæн ызнон
Фæстаг ныфс
Иры  хæрзгæнæг
Иигæны уæлхъус
Мæлæт, зæронд хæйрæгау ныр
Цыдис нæм фарн дæ зонд æмæ дæ куыстæй
Æз нæ дæн пехуымпар кæнæ зæд
Диссаджы фын
Паддзахы хъаст
Тайы царвы къах, арвгæрон – хур...
Уарди рухс хурыл йæ сыфтæй
Сырх барæг
Фæндаггон
Мæнг æмбисонд
Æлгъыст
Нал хæтынц хъæдты сырдтæ