Æз нæ тауын хъуыдалы,
Нæй бæрæгбон мæнæн...
Туджы стъæлфæнты стъалы
Калы ахсæв тæмæн.
Хæст мæ уарзын нæ уадзы,
Нал у зарын мæ бон.
Æз мæ гæрзтæн куырдадзы
Ныр æхсидын æндон.
æз æгъатыр дæн хæсты,
Марын карзæй фыдæх.
Зонын, райсом нæ фæзты
Хурмæ судздзæн æртæх.
Раст æрцæудзæн нæ цардмæ,
Уарзт нын амонд хæсдзæн.
Уæд нæ фæрныг йæ артмæ
Хондзæн уазал бон мæн.
Судздзæн зæрдæйы стъалы,
Рухс дзы цинтæй кæлдзæн.
Таудзæн а лæг хъуыдалы,
Нафы стыр куывд кæндзæн.
1995 азы 15 октябрь