Сау мигътæ тыгуыртæ
Мах сæрмæ кæнынц,
Афтæмæй нæ тыртæ
Хъæлдзæгæй цæрынц.
Зилахары – оппæй! –
Дард æрзылдтой цоппай.
Дзурын сын: «Нæ хуыммæ
Дуртæ калы знаг».
Сурынц мæ: «Зыгъуыммæ
Ма араз нæ уаг!
Ма нæ хъыгдар! – Оппæй! –
Цоппай кæнæм, цоппай».
– Иры хуым – зæрæстон,
Ракæнæм ын зиу.
– Сæрра и нæ бæстон!
Сау куыст та нын циу?
Иры кадæн – оппæй! –
Цоппай хъæуы, цоппай.
– Знаг бырсы! Йæ разы
Самайæм гæнах...
– Гъай сынтау цы уасы?
Нал æвдæлы мах:
Гъæйтт, ныззилæм Къобæй
Раст Елхотмæ цоппай!
– Знаг æрбадт нæ хъæуы,
Ирмæ у йæ хъавд!
– Махыл та цы цæуы?
Ма нын хал нæ кафт!
Мах нæ хæцæм топпæй,
У нæ хотых цоппай.
– Иры фарн уæм сиды,
Гъе мардзæ, фæдис!
– Мах туг дæр æхсиды...
Къæбиц та кæм ис?..
Иры номыл къоппæй
Ронг æнцъухæм,– оппæй!
1990 азы 12 мартъи