Нæ ирыл ыстыр цин æрцыд,
Кæнæм дын бæрæгбонæй цыт,
Дæ кадыл нæртон куывдты зарæм.
Сæрибар у абон нæ цард,
Нæ катайыл бандзарæм арт,
Нæ фæндаг нæхæдæг æвзарæм...
О, ракæс-ма, ракæс, Къоста!
Цæуыл кæуын абон æз та,
Мæн ацы ыстыр бон цы хъæуы?
Цæуыл уыд дæ удхар, дæ тох?
Дæ фæдзæхст – дæ фæдонтæй рох,
Дæ фæдыл дзы иу дæр нæ цæуы.
æфтауы ныл залым фыдæх,
Фыдгултæ нын исынц нæ зæхх,
Сæ кады ном сафынц нæ адæм.
Нæ цæссыгæй фурд дæр ысцæм,
Тыхы бын нæ туджы мæцæм,–
Кæм цæрæм, кæм кусæм, кæм бадæм?
æфхæрд æмæ хахуыр быхсæм,
Фæйнæрдæм фыд-зондæй хæцæм,
Нæ фæзынд нырма дæр нæ фæтæг.
Уынгæджы бон кувын тыхстæй:
О стыр Къоста, ракæс, цæмæй
Нæ фæуæм бынтондæр фыдвæндаг!
1992 аз