Æвгъау ысты лæджы ныхæстæ хъастæн,
Мæ дзырдтæ æз уæздан уарзтæн дæттын.
Йæ цард – æхцон, йæ зæрдæ рухс у растæн,
Йæ къух ыссардзæн искæд бон йæ тын.
Ныхъхъуытты уадз дæ хъаугъатæ, ныхъхъуытты,
Фыдгултæн уæд сæ судзаг хæрам барст.
Зæххыл кæйдæр æхсызгонæн кæй хъуыдтæ,
Гъе уымæй дæр дæ сусæг ызнаг тарст.
Бибитæ сты зæрин æмæ налхъуыттæ,
Дæтты нын амонд иунæг хæзна – уарзт.
1994 азы 16 мартъи