Зымæг. Хъуынтъыз изæр. Мæгуыр
Цæуы æрхуым уынгты æнкъардæй.
Уызынау – рыгъд æмæ зыкъуыр,
Цымæ цытæ мысы йæ цардæй?
Хъысмæт фыдбылыз у, гæрдах...
Кæддæр цы паддзах уыд къуызыппа!
Лæмæрста адджын дыргъау мах,
Нæ Иры айдзæгъта йæ дзыппы.
Кæсут æм ныр – æркъæдз рыгъдæй,
Цæуы æргъæфст æмæ уæгъуырæй.
Вæййы зынаргъ дзаума, гъе стæй
Æрхауы бырæттæм бызгъуырæй.
1995 азы 30 декабрь