Уæ цард хъæбæр хорз у, хъæбæр!
Кæнут быдзæутимæ æмдзæхдон,
Хæрут кæйдæр фынгыл къæбæр,
Мæрзут уæ хицауæн йæ бæхдон.
Хуысдзæни цъыфы хуы, уæддæр
Кæсдзæн йæхимæ уый пехуымпар;
Хæрæджы цасфæнды æфхæр,
Уæддæр нæ фæуыдзæн æрхуымдæр.
Нæ вæййы сау лæгæн хъысмæт,
Цагъар нæ фæтæрсы æгадæй.
Лæгæн йæ намыс у йæ мæт,
Лæгæн йæ бæсты хъыг – йæ катай.
1995 азы 22 мартъи