ФæСТАГ ЛæГЪСТæ
Зæгъ-ма, ныфсæн цы амал ис уæддæр?
Нæ бæстæ у кæлæддзаг къæс – ныззултæ,
Тæдзы йæ цар, сыггай ызгъæлынц къултæ,
Æддейæ калы судзгæ арв цæхæр.
Тыхстæй нæ къуымты сайраг у нæ сæр,
Нæ бодзтæн адæм хъазæнтæ сты – хъултæ,
Сæ хин кæны æфсымæрты фыдгултæ,
Сæ зонд нæ скодта бирæгътæй сырддæр.
Цы сарæзтой нæ хæрзтæ дæр сæ зондæй?
Лæджы уæздандæр не скодта сæ куыст,–
Адамы цæуæт баззадысты сонтæй.
О адæймаг! Дæ талынг къуымæй сыст,
Дæ мæлæтмæ уæддæр ракæс бæрзондæй,
Кæд уаис уæд фыдракæндтæй сæрхызт!