Уынг ызмæлæн у, хæтæн,
Уым фæткъуы бæлас – мæ цæрæн.
Сбыдтон хъарм ахстон, – уыдзæн
Уым мæ лæппынтæн фæлмæн,
Цард бæрæгбон у – Бæлдæрæн!
Алкæмæн мæ зард – æхцон,
Сты мæ дзибатæ мæ хуртæ,
Фæлæ разынд уынг зындон:
Къалиутæ сæтты бæлццон,
Саби сыл æппары дуртæ.
Ох, кæмæй цы дарын хæс?
Къуым кæм агурон мæ сæрæн?
Байста арвы тыгъд цæргæс,
Бадын саст къалиуыл æз,
Нæу мæ уды бар мæ цæрæн.
1993 азы 7 апрель