logo

М О Я    О С Е Т И Я



ДИССАДЖЫ ФЫН

Тар æхсæвы тар фынтæ уынын,
Знæгтæ мыл æртыгуыр ысты комы.
Бардзы æз цым лæдзæгæй нæмын,
Нæй, уæддæр мын басæттын нæ комы.

Систон сæ ливорæй уæд æхсын,
Лæг зæгъдзæн, сæдæтæ дзы фæмард и.
Мæнæ диссаг! – ме знагмæ кæсын,
Сæмбæлы йæ зæрдæсæрыл уарди.

Дары уый йæ фæтæн риуыл сырх,
Уарди уым къуыбар дидинæг калы.
Арвы цæссыг кæрдæгыл ныппырх,
Фесхъиуы мæ къахбынæй ыстъалы.

Нал æнтысы лидзын дæр мæнæн,
Талынг фыны рухс хъуыды нæ бæззы.
Ох, мæ бон, хъаймæты ран фæдæн,
Абадт мыл хъуынджын хæйрæгау пъæззы.

Дуне уыд æхсыры цадау уæд,
Сайдта мæн хæтæг цырагъ йæ фæстæ.
Фестад пъæззы уыцы афон зæд,
Æмæ байдзаг хъæлдзæг рухсæй бæстæ.

1995 азы 21 февраль

 

Мæ куывд
Æртæ урс дуры Дзомагъæй æрхастон
Рæсугъд æмæ фæрныг бæстæ!
Арфæ
Зæхх
Тæхуды
Зæрин æмæ зылангон дзырд Ирон
Æрцыдис ахæм рæстæг, ахæм
Аргъаумæ бæллын
Фæлгæсæны
Хуымæтæг ир, сæрыстыр дæн сымахæй
Зæххы дзыназын
Уыдтæн нывонд фыдæбон æмæ мастæн
Уæлвонг у Уартау къуылдым, Саргъау
Цы риссы афтæ тынг мæнæй
Мады катай
Хæстоны зарæг
Ныстуан
Талф-тулфæй сахар ризы
Мæгуыры куывд
Хæссы фыдрæстæг иудадзыг мылазон
Æртахтис арвæй сау дымгæ æваст
Фæдзæхст
Батырадзæн
Амран
Зындоны цад
Базар
Мæлæт
Уæлахиздзаутæ
Лæгмарæн
Цоппай
Нæ цард, цæмæн дæ хивæнд æмæ хин?
Уалдзæг
Нæ царды хицæуттæн
Арвы хорзæх
Скифтæ
Стыр Атей
Иры лæгтæн
Уалдзæг нал кæны нæ зæххыл
Мæсыгамайджытæ
Æнусон ром
Зæрватыкмæ
Паддзах нæ вæййы хорз кæнæ æвзæр
Уырызмæджы катай
Хъысмæт
Хæрæджы æмбисонд
Намыс хæзна у – фæдарид æй
Фæдисы бон зæппадзы
Æфсымæртæ
Фæлтæрты хъысмæт
Ехх, мæ бон, Уæрæсе
Куырыхон быцæу
Алæмæт
Кæйдæр арвы бын бамынæг дæ зæрдæ
Кæрты цъиуты дзыгуыр зарыд
Дзылы
Хæтæнхуаг
Гаджидау
Хурмæ куывд
Ракæс!
Ног боны бæллицтæ
Иры чызджытæн
Фæдисы æртытæ
Цард раджы дæр нывыл æвæрд нæ уыд
Фæдис
Мæргъты æмбисонд
Мæлдзгуытæ
Цы нæ ‘рцыд, ахæм нæу дæ цау
Аргъуаны
ЦæФ бирæгъ
Дыууæ фæдисы
Зондамонæг
Æвæрæз æмæ иунæг дæн зæрондæй
Хуыцау, дæ зонд æмæ дæ барæй
Нæ цард хæст у, лæг та – хæцæг
Царды хъулæттæ
Мæ Ир, дæ кады дуг фæцис
Мæ Сонтадæ
Зæрæстон хуым – лæзæрд æмæ æрнæг
Æвæгæсæгæй амардтæн ызнон
Фæстаг ныфс
Иры  хæрзгæнæг
Иигæны уæлхъус
Мæлæт, зæронд хæйрæгау ныр
Цыдис нæм фарн дæ зонд æмæ дæ куыстæй
Æз нæ дæн пехуымпар кæнæ зæд
Диссаджы фын
Паддзахы хъаст
Тайы царвы къах, арвгæрон – хур...
Уарди рухс хурыл йæ сыфтæй
Сырх барæг
Фæндаггон
Мæнг æмбисонд
Æлгъыст
Нал хæтынц хъæдты сырдтæ