Иных уж нет, а те далече.
А. Пушкин.
Æвæрæз æмæ иунæг дæн зæрондæй,
Мæ цæуæн ныр тæнæг их у, уæлдзæм,
Хъыгтæ йыл хæрх, зæрдæбын цинтæ – стæм,
Кæсын мæ цард, мæ куыстæгтæм тæссондæй.
Нæй баивæн нæрæмон тыхтæн зондæй,
Мæ зæрдæ у хуыскъ адагау æдзæм.
Куы мыл æртыхсынц хин адæм, уæд сæм
Кæддæрау хъалæй нал кæсын бæрзондæй.
Кæмæн дзурон мæ Иры хъыг, мæ мæт?
Мæнæн уæлæуыл нал баззад хæлæрттæ,
Мæ ныфсытæ мын асæрфта мæлæт.
Хæрамы куыстыл бафтыдысты цæрдтæ,
Кæнынц кæрæфæй царды сой тæлæт,
Мæнæн ма баззад амондæй фæлхæрттæ.
1993 азы 18 октябрь