Сау мигъау кæм ныббады æрхуым,
Уым кæсынц мæ цъæх цæстытæй хуртæ;
Æз кæм кæнын уарзты зарæг, уым
Нал вæййы налаттæ æмæ змуртæ.
Калынц мыл æдылы знæгтæ сындз,–
Фесты какон пух гауыз мæ разы.
Азтæ мын фæндон хуынтæ хæссынц,
Æмæ лæг хæрамæн дæр фæразы.
1996 азы 1 январь