Ныссаст фыдвæззæджы дæ базыр,
Æрлæуу, – кæдæм тæхыс цæфæй?
Мæ къæс мын буц уазæгау бавзар,
Мæ зæрды сусæг фæндтæ нæй.
æрбад, – дæ чырæг дæ ныууагъта,
Сæ балцы адард ысты ныр.
Æхгæд у арв дæр мигъæй, мах та
Нæ дарæм тулдз дуарыл гуыдыр.
Уыдзæн дын урс аргъуан мæ базыл,
Уыдзæн дын рухс æнцой фынтæн.
Æндидздзæн уалдзæгмæ дæ базыр,
Уæдмæ дæ бæлццон дæр зындзæн.
Мæнæн дæр асасти мæ зæрдæ,
Ныууагътой рухс бæллицтæ мæн.
Уæддæр мын ног ахстонæй сæрды
Дæ зард дыдзы цинтæ хæсдзæн.
1997 аз