Сæ номыл нал æрвæссынц адæм,
Кæнæм нæ иры кад дзырддаг;
Куывдты нæ туджджынтимæ бадæм,
Нæ сæры астæу сын – фæндаг;
Нæ гуыбын чи бафсады, уымæн
Кæнæм йæ сау фæндтыл хъæлæс;
Нæртон лæг нæй, æмæ нæ хуымæн
Ыскодтам сау мæтыхтæй гæс.
1995 азы май