Халас талынг хъæу æмбæрзы,
Уасы хæлд агъуыстæй уыг...
Ох, мæ буц хъæбул кæм хъæрзы?
Ох, мæ риуы сцæм ис хъыг.
Ды, мæ удлæууæн, салдатæй
Ахсæв арæнтыл лæууыс.
Ох, мæ уд мын судзы катай,
Дарын цæсты бын мæ дыс.
Хъуысы уазал къæстæй хъарæг,
Сау уацтæ хæссы фыддуг...
Уым цы хъахъхъæны мæ дарæг,
Уым цæуыл калы йæ туг?
Нæй фыдыбæстæ мæгуырæн,
Нæй нын зæхх æмæ хæдзар.
Махæй тугцъирты дзыгуырæн
Скодта Урс хæдзар цагъар.
Уыдон хъæлдзæгæй Канарты
Хъазынц амондæй дзæбæх,
Мах сын арæнтыл цъæх арты
Знæгтæй хъахъхъæнæм сæ зæхх..
Тайы сидзæргæс дæ мæтæй,
Зæрдæйы зымæгау – хъызт.
Курын, Лæгтыдзуар, мæлæтæй
Уæд мæ иунæджы сæр хызт.
1995 азы 3 май