Тызмæг балæн йæ раздзæуæг уыдтæн,
Хуыдтон сæ æз ыстыр цуаны мæ фæстæ.
Нæ амонд цыд нæ разæй, æмæ бæстæ
Уыд бирæгътæн цæлдон æмæ хæтæн.
Фæдон æрдонг хуыдта йæ бардуаг мæн,
Нæ фæд æмбæхстой кæмттæ æмæ фæзтæ...
Фæцæф дæн ныр. Мæ тугæй зæхх фæхъæстæ.
Цъыф лæзгъæры мæ фæстаг балц фæдæн.
Уæддæр ма згъордтон цъус рæстæг мæ тæвдæй,
Нæ фæндаг кодтон уæтæрмæ цыбыр,
Фæлæ фыцгæ мæ сау туг калд мæ цæфтæй.
Йæ карз тæф сæмбæлд сырдтыл, æмæ ныр
Сæхи зыдæй сæ фæтæгыл ныццавтой...
Хæры кæрæфæй ме стджытæ мæ чыр...
1994 азы 28 октябрь