Сæлхæр адæм, цы мæ домут сымах?
Мæ зæрдæ сцъæх уæ тыхст æмæ уæ хъастæй.
Æз уын хуыцау нæ дæн, фæлæ паддзах,
Мæхæдæг дæр мæ хъуырмæ дæн фыдмастæй.
Хæйрæгбадæны сбадын кодтат мæн...
Хæрæгау мыл хъæбæр хæрхидон дарынц;
&Aelig;мбæрзынц хъургъ сырх гауызтæй фæлмæн,
Кæрæдзи бынтæй бандæттæ æппарынц.
Мæ уæнгтыл бады пъæззыйау тыхбар,
Кæм ис бæгъатыр – исчи мæ ныууигъæд!
Æз ам паддзах нæ дæн, фæлæ цагъар,
Сымахæй курын иу хорзæх – тæригъæд.
1998 аз