О ме стыр фыд, дæ фарны хур ныл каст,
Уыдис дын хуым, уыгæрдæн æмæ дарæн...
Нæ Иры зæхх йæ астæуыл фæсаст,
Дæ уæлмæрд баззад сау бонты фæсарæн.
Мæ фыд, уыдис дæ рухс цæрæн быдыр,
Лæмæрстай йын йæ саумæрæй æлутон...
Æрцæрдзæн не знаг уыцы зæххыл ныр,
Ирон уæлмæрдтыл адардзæн йæ гутон.
Мæнæн уал ис нæ сахары цæрæн,
Мæнмæ кæсы фыддæр хъысмæт, бæгуыдæр.
Зындзæн мæм тагъд мæлæт... Тæрсын, мæнæн
Нæ уыдзæн уæд, кæм мæ бавæрой, уый дæр.
1998 азы ноябрь