Фæсырх фæззыгон фæткъуы сæрды,–
Сæт калм сæлæф хуылфы æрцард.
Хæры йын уарзонæй йæ зæрдæ,
Кæны хæсгæ тохъылау нард.
Æрæнцъылд фарны дыргъ хъыгдардæй,
Æрбампылд тугдзыдæй йæ уд...
Дæ зулкъ цæуылнæ райа цардæй,
Дæуæн цæуылнæ судза буд?
1994 азы 15 июнь