Радтон хъулгъайæн нæ зæхх,–
Истон уый хыгъдмæ лæвæрттæ.
Кодтон адæмты фыдæх,
Кодтон давджытæй хæлæрттæ.
Ирæн нал ныууагътон дзуар,
Се ‘взаг сын йæ гуырдзы мардтон.
Чи тыхст, чи домдта йæ бар,
Уыдон «бур хæдзары» дардтон.
Ферох адæмæй сæ ном,
Мæн ыссæдз азы фæбыхстой,
Фæлæ иу фæззæг æргом
Сдзырдтой мæгуыртæ сæ тыхстæй.
Гъæйда-гъа! Уæд сыл æваст
Не ‘фсад баскъæрдтон æхсарæй.
Иры басыгъта мæ маст,–
Байдзаг хъарæг æмæ сарæй...
Дард ран бамбæхстон мæ фæд,
Радтой залымæн Ирыстон,
Уый мæ хъузæттимæ уæд
Кодта стыгъд бæстæ гæныстон.
Афтæ кады лæг уыдтæн,–
Ир куыд рох кæной мæ хæрзтæ?
Ныр мæ фæдонтæ мæнæн
Фидынц хорзæхтæй мæ хæстæ.
1995 азы 12 май