Кæныс æгас Ирыл фæдис,
Зæгъыс мын: «Хæрæгæй æрхиз!
Æрлæуу! – фыдбылызыл куы бадай,
Уæд тас у сæфт æмæ æгадæй!..»
Ныууадз, цæуыны бар мын ратт...
Цыдис цъæх хæрæгыл Сократ.
Тæссаг сыгъд фæндæгтыл Чырысти
Йæ балцы хæрæгæй нæ хызти.
Уæдæ Къоста дæр систа ам
Кæддæр къæлæуимæ йæ къам.
Нæ ахауд мисхал дæр сæ кадæй.
Мæныл дæр уæгъды у дæ катай.
Дæхимæ кæс – дæуæн у тас:
Хæссы дæ уæлмигъты Пегас.
Уым фынгтыл ног бардуæгтæм бадыс,
Дæрддзæфæй талынг зæхх нæ хатыс.
Бæрзондæй расхъиуæн дæр ис,
Фæлтау дæ хъал бæхæй æрхиз.
1996 аз