М О Я О С Е Т И Я
Мæ хуым ныххус, æмæ куырдтон Фæлмæн къæвда нæ арвæй. Уæд мигъ нæргæ-тулгæ бæстон Æрбацыд арвыл тарфæй.
Ыставд их байдыдта гæр-гæр, Бындзарæй хуым ныххафта. Цæгæрæй аззади йæ мæр,– Æрцыд мыл хорзæх афтæ.
1995 азы 11 мартъи