Æз – мастисæг, Рæстмæйы дуаг, Сырх барæг,
Æз – фарны тых,– ысрухс дзы кæнын цард.
Цæхæртæ калы тар дугтыл мæ кард,
Хæссы ныфсы хос дзыллæтæн мæ зарæг.
Æлдар, бынхор, къæрных æмæ лæгмарæг,
Мæ тæрхонæй нæ фæлидздзыстут дард,
Æз уын уæ цардыл бандзардзынæн арт,
Уæларвмæ хъуысдзæн сау хъургъæй уæ хъарæг.
Зæгъын уын – додой! Тугцъиртæн хатыр
Нæ уыдзæн! – байстат адæмæн сæ бæстæ,
Сымах ыстут нæ Зæххы буарыл быр.
Зæгъын уын – додой! Фиддзыстут уæ хæстæ.
Нæ зæрдæ нын хæрут, цъулбертæ, ныр,
Фæлæ уын рухс тых сыскъуындзæн уæ хъæстæ.
1995 азы 21 апрель