Дæ фарн – зæххон, дæ зæлынад – æрвон,
Ды вæййыс Уазыл зæдты раз нæ хатæг.
Дæ рухсæй сисыс рæстæджы тар цадæг,
Ыскæныс мах фæрныг æмæ нæртон.
Дæ разы судзынц дур æмæ ызгъæртæ,
Дæ узæлдæй æрзоныг кæны сонт,
Хæстонæн ды æлутонæй хуыздæр дæ.
Дæ зæлтæ тауынц фидауц æмæ зонд,
Ды Бонвæрнонау срухс кæныс мæ зæрдæ,
Кæныс нæ ды уæздан æмæ бæрзонд.
1998 аз