Уæ цумайæн æнæзивæг цыдтæн,
Нæ равдæлд мæн мæхи цардмæ æхсæв дæр.
Рæвдаут ныр уæ хус цæссыгæй мæн,
Уæ фæлтæрд ныхас – розæйæ хæрздæфдæр.
Мæ хæстæг дзуры табæтмæ: «Фæлæуу,
Æххæст мын абон ацараз мæ хъуыддаг!»
Хатыр, æфсымæр! – нал мæ уадзынц хъæу,
Кæнут-иу ныр уæ хъуыддæгтæ уæхуыддæг.
1993 азы 25 август