Нæ уалдзæг æрхæстæг,
Æрхæссы нын фарн.
Фæирддæр нæ рæстæг,
Нæ уæлдæф фæхъарм.
Кæмдæрты сæнт цъæхæй
Фæзынди æвзар,
Гыццыл хуртæ зæххæй
Ыскасти дзæвгар.
Фæхъæлдзæг нæ зæрдæ,
Ныфсытæй цæрæм.
Гъе уалдзæг, нæ сæртæ
Дæ уазæг кæнæм!
1995 азы мартъи