logo

М О Я    О С Е Т И Я



ФÆДИС

Хъысмæт нæ батардта фыд раны,
Нæ дуг – тымыгъ, нæ дауæн – рындз.
Уæддæр нæ сау зæххыл Дайраны
Кæрæдзи куыйдзыхтæ хæрынц.

Сæ хæстæй сау айнæг æнкъуысы,
Хъæрзы нæрæмон Терк мæстæй...
Фæдис! – мæ рыст зæрдæмæ хъуысы
Сæ хъæр нæ фыдæлтæн мæрдтæй.

Уыдис Дайраны хид сæ къæсæр,
Лæууыд сæ арæныл гæнах.
Сæ фæдон – рыгъд æмæ æнæсæр,
Нæ бæстæ нал æндавы мах.

Цæуынц нæ сыхæгтæ нæ кæртыл,
Нæ кулдуар райс-байсæй ныссаст.
Нымайынц нарты цоты мæрдтыл,
Нæу хыгъд нæ ном æмæ нæ раст.

Нæ ир! – бæсты хæрзтæй бындарæн
Цы уадзут кад кæнæ бынтæн?
Кæм ис нæртон Ирæн йæ арæн?
Кæм кæндзæн тохы бон гæрæн?

Уынут, тæрхоны лæгтæ, разæй
æрмæст паддзахбадæн. Уæууæй! –
Гæбаз нæм нал хауы Кавказæй,–
Паддзах æнæ паддзахад нæй.

Фæдис! – Дайраны ком уырысæй
Кæнынц сайтан гуырдзы тыхист...
Рæхджы та ерыстау йæ уырсæй
Кæндзæн нæ сонт сабиты цъист.

Кæм ис мæгуыр бæстыл фæхæцæг?
Дайран куы фесафæм, уæд нын
Нæ хурхыл дардзысты æрвæдзæг,
Нæ цард та фестдзæни фыдфын.

Нæ рындз гæды-хъæдау нырризы,
Мæрзы йын сау тымыгъ йæ мæр...
Бынхортæ! – Знаг нæ къæсæр исы,
Фæдис уæм нал хъуысы уæддæр!

1997 азы декабрь

Мæ куывд
Æртæ урс дуры Дзомагъæй æрхастон
Рæсугъд æмæ фæрныг бæстæ!
Арфæ
Зæхх
Тæхуды
Зæрин æмæ зылангон дзырд Ирон
Æрцыдис ахæм рæстæг, ахæм
Аргъаумæ бæллын
Фæлгæсæны
Хуымæтæг ир, сæрыстыр дæн сымахæй
Зæххы дзыназын
Уыдтæн нывонд фыдæбон æмæ мастæн
Уæлвонг у Уартау къуылдым, Саргъау
Цы риссы афтæ тынг мæнæй
Мады катай
Хæстоны зарæг
Ныстуан
Талф-тулфæй сахар ризы
Мæгуыры куывд
Хæссы фыдрæстæг иудадзыг мылазон
Æртахтис арвæй сау дымгæ æваст
Фæдзæхст
Батырадзæн
Амран
Зындоны цад
Базар
Мæлæт
Уæлахиздзаутæ
Лæгмарæн
Цоппай
Нæ цард, цæмæн дæ хивæнд æмæ хин?
Уалдзæг
Нæ царды хицæуттæн
Арвы хорзæх
Скифтæ
Стыр Атей
Иры лæгтæн
Уалдзæг нал кæны нæ зæххыл
Мæсыгамайджытæ
Æнусон ром
Зæрватыкмæ
Паддзах нæ вæййы хорз кæнæ æвзæр
Уырызмæджы катай
Хъысмæт
Хæрæджы æмбисонд
Намыс хæзна у – фæдарид æй
Фæдисы бон зæппадзы
Æфсымæртæ
Фæлтæрты хъысмæт
Ехх, мæ бон, Уæрæсе
Куырыхон быцæу
Алæмæт
Кæйдæр арвы бын бамынæг дæ зæрдæ
Кæрты цъиуты дзыгуыр зарыд
Дзылы
Хæтæнхуаг
Гаджидау
Хурмæ куывд
Ракæс!
Ног боны бæллицтæ
Иры чызджытæн
Фæдисы æртытæ
Цард раджы дæр нывыл æвæрд нæ уыд
Фæдис
Мæргъты æмбисонд
Мæлдзгуытæ
Цы нæ ‘рцыд, ахæм нæу дæ цау
Аргъуаны
ЦæФ бирæгъ
Дыууæ фæдисы
Зондамонæг
Æвæрæз æмæ иунæг дæн зæрондæй
Хуыцау, дæ зонд æмæ дæ барæй
Нæ цард хæст у, лæг та – хæцæг
Царды хъулæттæ
Мæ Ир, дæ кады дуг фæцис
Мæ Сонтадæ
Зæрæстон хуым – лæзæрд æмæ æрнæг
Æвæгæсæгæй амардтæн ызнон
Фæстаг ныфс
Иры  хæрзгæнæг
Иигæны уæлхъус
Мæлæт, зæронд хæйрæгау ныр
Цыдис нæм фарн дæ зонд æмæ дæ куыстæй
Æз нæ дæн пехуымпар кæнæ зæд
Диссаджы фын
Паддзахы хъаст
Тайы царвы къах, арвгæрон – хур...
Уарди рухс хурыл йæ сыфтæй
Сырх барæг
Фæндаггон
Мæнг æмбисонд
Æлгъыст
Нал хæтынц хъæдты сырдтæ