Джиуæм уæлбыл, цæугæ дон – бынæй.
Кæс, æфсати æртæры йæ цæуы!
Оххай, махæн æхсыны бар нæй,
Махмæ Тутыр æд цъутта æрцæуы.
Ныр цы кæнæм? – фæллад ыстæм мах,
Разæй – тар æхсæв, сау тыгъд, æбæрæг.
Махæн рындзыл нæ судзы цырагъ,
Махæн аргъуан нæ цæгъды дзæнгæрæг.
Ныр кæдæм цæуæм? – нæй нын фысым.
Цард кæронмæ бæрæгбон нæ хæссы.
Разæй – сау æхсæв, мархо, цъысым,
Сасмау сау зæхх нæ къæхтыл ныхæсы.
1998 аз