Уæрæсе ныр уæ хæдзар у бæгуыдæр,
Уæ исбон ыстæм адæмæй, зæххæй.
Нæ цард нын байстат хин æмæ тыхæй,
Ыскодтат мах цагъайрагæй мæгуырдæр.
Æз та цы дæн? Хæдзаргæнæг – кæйдæрон.
Куыд уын дарон мæ дæндагæй цырагъ?
Нæ маст – цъæх арт, уый басудздзæн сымах,
Æрцæудзæн тагъд уæ хъомысæн йæ кæрон.
1995 азы 17 октябрь