Лæппу хъæбатыр у, – йæ ных
Сосланау тулгæ цалхмæ дары.
Фæлæ куы басæтта йæ тых,
Уæд ма йæ лæгдзинад цы мары!
Мæ цардæй бафæлладтæн, – ныр
Тæрсын æгад æмæ лæмæгъæй...
Фæлтау мыл бабæттут къуыдыр,
Тæсчъы мæ раппарут къæдзæхæй.
1996 азы 3 январь