Уырнæд дæ – царды сконд нæ ивы,
Нывгонд у алцы дæр бæстон.
Цъæх арвæй хурзæрин æрттивы,
Цæуы æхсæвы фæстæ бон.
Уынын æй – залым у нæ сæрдар,
Уæддæр ын макуы скæн тæрхон.
Куыдз уыд Калигула, – æвзæрдæр
Йæ фæстæ разынди Нерон.
Нæ лæууы Терчы дон йæ цыдæй,
Хуыссы йæ зæппадзы Батрадз.
Фыдгултæм мауал хъав æрцытæй,
Æрлæуу – мæлæты бар сæ уадз.
1998 азы 1 октябрь