Мæскуы æмæ Киев уарынц
скифты сыгъзæрин бынтæ.
Хæтой адæм – тызмæг æмæ хъуынсæр,
Тыгъд быдыры – цæхæр уады тымыгътæ...
Йæ улæфт зæххæй сахартæ рæмыгъта,
Æрбадтис ныр йæ тулгæ рыг кæмдæр.
Уæддæр нæры æрвгæрæтты уынæр...
Фыдгултæн скиф сæ сæрты царм ыстыгъта,
Фæлвæрдта уый уæлæрвтимæ йæ тыхтæ,
Уыдис йæ цард бæрæгбон æмæ стæр.
Ныууагътат уæд цыргъ обæутты сыгъзæрин –
Æрвон лæвар, уæ хурон фарн, уæ цард...
Ныр сыл æрбадт зæронд цæргæс – дысæрон.
Уæ хæзнатæ цæуылнæ суадзынц арт!
Фæхаста уын уæ мæрддзæгтæ æфсæрон,
Кæны уын уираг базайраг уæ кард.
1992 азы 13 мартъи