Рæстæг, басыгъта дæ азар
Артау мæн.
Фестади нæ бæстæ базар,
Лæг аслам у, дзаума схъазар,
Нæй гæнæн!
Басгæрдæг, зынг-цывзы, нуры
Сты зынаргъ.
Базар дуртæ дæр лæхуры,
Акæс, алцыппæт дæ цуры –
Халсар, маргъ.
Нозт, æууилæнтæ, гæны рыг
Ам – дзæвгар.
Кусæг у къуыввитт, мæгуырæг,
Ам хуыснæг æмæ абырæг
Сты æлдар.
Уæй кæнынц хъуыдытæ, зарæг,
Цыт, æфсарм.
Ам рæгъы нæ цæуы хъарæг,
Ам дын астигъдзæн лæгмарæг
Рæвдз дæ царм.
Ма кæн хъæр, уæддæр дæ хъастæй
Нæй пайда.
Суды ‘рлæудзынæ сæрдастæй,
Атондзæн дæ зæрдæ мастæй,
Гъæйда-гъа!
Балхæн марг, наган, æндзарæн,
Балхæн сой.
Ам æрмæстдæр нæй ыссарæн
Уарзт, рæстдзинад æмæ ‘хсарæн,–
Нæй сæ кой.
Ратт капеккыл ам дæ ном дæр,
Ратт ныхас.
Ам хæрæг зынаргъ у, хъом дæр,
Гъе, æрмæст нæ исы сом дæр
Ам Пегас.
1993 азы 9 октябрь