Араст æфцæгмæ хæрæг,
Хæрды уаргъ æмпъухы.
Бады барджиты сæр лæг,
Ставд лæдзæг – йæ къухы.
Хайуан бастад. Фæндаг – даргъ.
Лæг æй дары хъæлдзæг:
«Ма тыхс, мæ хур, хæсс дæ уаргъ,
Тагъд æрцæудзæн уалдзæг».
Фæлæ ралæууыд зымæг,
Мит æмбæрзы хæхтæ.
«Сæрд æрцæуы! – дзуры лæг, –
Рæвдздæр ис дæ къæхтæ».
Зæйтæ фæндагмæ бырсынц.
Хицау сиды: «Тагъддæр!
Ма амæл, æрзайдзæн сындз,
Цард рæвдаудзæн мах дæр».
Хæхты даргъ вæййы зымæг.
Карз тымыгъ – фæтдзæгъдæн,
Сцæгъды сау мигъты тызмæг,
Мит кæны фæлдзæгъдæн.
1990 азы 7 ноябрь