Аргъуаны сауджыны марынц,
Сахар фæлладæй нындзыг.
Дуртæ сæ цæссыг лæдарынц,
Арвæй нæ хауы цæссыг.
Абон дзы адæм фæкуывтой,
Тар фын сыл бафтыди ныр.
Зæдтæ ныджджих ысты нывтæй,
Дзæнгæрæг бацис æмыр.
Къулæй фæлгæсы Чырысти,–
Фуйæ гуырд бахус тыгъдæй.
Уымæн зæгæлдзæф нæ рысти,
Монæн зæххон монцтæ нæй.
Аргъуаны сауджыны марынц,
Бады йæ царыл Хуыцау...
Адæм сæ зæрдæтæ дарынц:
Хур сæм æрцæуы хуындзау.
1997 аз