Зынди Чехсыры фæз – цъæх гауыз,
Йæ ныхæй сау суадон цыдис.
Уæд хæхтæ, таурæгъ æмæ тауыс
Æфтыдтой сонт лæппуйыл дис.
Мæ сæнттæ хастой мæн фæсрагъмæ,
Уыдтон-иу хуры сахар уым.
Мæ фысты нал ыздæхтон дагъмæ,
Цъæнуты нал агуырдтон зым.
Цыдтæн сырхзæлдаг тынтыл арвмæ,
Зылдтæн æргъæу галуанты уæд.
Мæн сайдта тархъæдæн йæ тарфмæ
Фынау зæрин сагæн йæ фæд...
О, уæд сæрибар уыдтæн маргъау,
Сычъийау къæдзæхтыл цыдтæн...
Ныр атад царды фæлмы аргъау,
Ныр Уартау нал рæвдауы мæн.
1997 аз