Налат хъысмæт, æвзидыс мæм тызмæг:
Мæ дыргъдон иу бон аззайдзæн гæмæхæй.
Æрмæст мæ уарзтæй макуы скæн æнæ хай,
Мæ зæрдæ ма суæд карст хуымау быгъдæг.
Вæййынц, ай-гъай, сæрыстыр фæндтæ худæг:
Æргъæу галуантыл сирвæзы цъæх арт,
Ныссæмпæл вæййы сахы цыртыл футæг.
Хъысмæт, дæ бар у арвы бын мæ мард,
Æрмæст мæ зынгыл ма сбадæд æртхутæг,
Уæд мæ нæ хъæуы иунæг бон дæр цард.
1993 азы 27 ноябрь