Хуырхæг æмæ лывдзæгæй
Æз дæн сæлæт.
Цы цæры, уый цæвæгæй
Кæрæф æмæ тызмæгæй
Кæрды мæлæт.
æфсад паддзахæн – хъузон,
Цæрынц хæстæй.
Йæ куыст кæны рæтъузæн,
Зæххы скъуыдтæн æмпъузæн
Нæ цармæй нæй.
æфтауы ныл кæфхъуындар
Зыдæй былар.
Уый – залымæн йæ бындар.
Нæ цард – ныхæй лæгуындæр,
Мæлын – нæ бар.
Æлдар нæ къæстыл тары
Æндзары арт.
Лæг удæнцой нæ ары,
Æрвад æрвадæн дары
Йæ хурхмæ кард.
Фыдæх нæ уæрмы калы,–
Лæг дæ, йе цъиу.
Хæрам къæдзæх дæр халы,
Æнусон нæу ыстъалы,
Нæдæр æвдиу.
Мæлæт хатыр нæ зоны.
Уæлдай йын нæу,–
Прокруст, зæгъай, Нероны
Уый басхойы зындоны,
Кæн ма быцæу!
Мæ зæрдæ мын æрхъистæй
Æвдæрзы мæт...
Мах ирвæзын нæ ристæй,
Звиад æмæ баристæй
Кæны мæлæт.
1993 азы 8 октябрь