Мæнæн нæу иппæрд дзыллæтæй мæ амонд,
æмбæхстаг нæу мæ цин кæнæ мæ мæт.
Куы хъæуа, уæд Фыдыбæсты сæраппонд
æз дæр æдæрсгæ райсдзынæн мæлæт.
Фæлæ цы у æнæбæркад фæндаггаг? —
Нæ кæнын æз мæ егъаудæр хæс рох:
Мæ цард куыд уа, Фыдыбæстæ, дæу аккаг,
Мæнæн уал абон ууыл у мæ тох.