Зæрдæ сæ барухс и, райы.
Адæм сын арфæ кæнынц.
Ацы хъайтартæм Алтайы
Се 'мбæлттæ 'нхъæлмæ кæсынц.
Гуыры фæллойады зарæг,
Бузныг у 'мгарæй æмгар.
Цас хæссынц семæ лæварæн
Разæнгарддзинад, æхсар!
Цинæй сæ зæрдæты арт и,
Уæнгтæ нæ зонынц фæллад,—
Сиды сæм, сиды нæ парти,
Сиды Фыдыбæстæ-мад.
Раздæр кæм уыди зæрæстон,
Пыхсы кæм ныгъуылди лæг,—
Уым ныр, уырнæд дæ, æмбæстон,
Зайдзæн бæркадджын тыллæг.
Райдзæни, райдзæн нæ бæстæ,
Калдзæн æнусмæ цæхæр!
Цæйут, фæндараст, цæргæстæ!
Кад дын, нæ номдзыд фæлтæр!