Хур æм йæ рухс тынтæ 'руагъта,
Хур ын йæ фæллад хуыз ивы,
Æмæ та хъæлдзæгæй шахтмæ
Уайынц куыстуарзаг фæсивæд.
Фидар цъæх кæттаг дарæсты
Худгæ æрбацæуынц уæртæ,
Номдзыд кæмæй у хæхбæстæ,
Уыцы æндонриу шахтертæ.
Ам ис фæлтæрдджын æмбæлттæ,—
Чи федта тухи, фыдбонтæ,
Ам ис бынтон æрыгæттæ —
Хистæрты аккаг фæдонтæ...
Уæртæ кæс цинкласæг Грисмæ,—
Уый у йæ аразæг цардæн,—
Знæгтæй уый Харьковы иста,
Бахсыст уæззау тохты арты;
Уый ныхкъуырд зоны япойнаг.
Хæсты кæронмæ хæцыди,
Æмæ та сабыр фæллоймæ
Фидар салдатæй æрцыди...
Уæртæ забойщик Умар та
Хæсты фыдгулты нæ цагъта,—
Фондз азы размæ йæ партæ
Уарзон кæстæртæн ныууагъта...
Ахæмтæ бирæ ис махмæ,—
(Уыдонæй стæм мах сæрыстыр) —
Амонды фидар гæнахмæ
Чи цыд цъæх кæттаг фæлысты.
Чи нæ æрцагуырдта царды
Рагацау намыс, æнцойад,—
Карз тох æцæг лæджы бартыл
Чи кæны хиддзаст фæллойы.